Бехъаны цады прокуратурæйы кусджытæ сбæрæг кодтой æрдз хъахъхъæнынады закъоны хæлдыдтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Бехъаны цад сыгъдæг кæнгæйæ прокуратурæйы кусджытæ сбæрæг кодтой æрдз хъахъхъæнынады закъоны хæлдыдтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй куыстытæ æххæстгæнæг компани зæххы хайæ пайда кодта барвæндонæй, æнæ бардæттæг гæххæттытӕй. Зæххы гæппæл сыгъдæг кæныны проектыл нысангонд фæткмæ гæсгæ нæ бакуыстой. Объектæй пайда кæныны тыххæй æмбæлгæ гæххæттытæ нæй. Уымæй уæлдай ма, куыстуат нæ бафыста бырон æмбырд кæнын æмæ ласыны тыххæй бадзырд. Уæдæ хауæццæгты паспорт дæр закъонæвæрдмæ гæсгæ нысангонд не 'рцыд. Куыстуаты разамонæджы ныхмæ байгом кодтой 8 административон хъуыддаджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Бехъан сыгъдæг кæнынц нацпроект «экология»-мæ гæсгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv