Дзæуджыхъæуы байгом компани «Сандора» йы куыстадон бæстыхай, уый у акционерон æхсæнад «Военторгы» дæ
Абон Дзæуджыхъæуы байгом компани «Сандора»-йы куыстадон бæстыхай. Уый у акционерон æхсæнад «Военторгы» дæлхайад. Ног куыстуаты фыццаг бон фенынмæ æрбамбæлд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло дæр. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыстуат нырыккон домæнтæн дзуапп дæтты. Афæдзæй-афæдзмæ рæзы. Нæ бæстæйы гæрзифтонг тыхтӕ ифтог кæны йæ продукцийæ. Уый тыххæй Сергей Меняйло бузныг загъта Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрадæн. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ компани «Сандора» байгом 2016 азы. Ныридæгæн дзы ис 5 куыстадон бæстыхайы. Уыдонæй иу Дзæуджыхъæуы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы байгом компани «Сандора» йы куыстадон бæстыхай, уый у акционерон æхсæнад «Военторгы» дæ
Категория:
Новости и СМИ