Уæлахизы боны размæ Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуы байгом кодтой Иван Бочаровы номыл мемориалон фæйнæг
Уæлахизы бæрæгбонмæ Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуыл байгом кодтой Иван Бочаровы номыл мемориалон фæйнæг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, 1945 азы райста Советон Цæдисы хъæбатыры ном. Кадджын хæрзиуæджы аккаг сси немыцаг æрдонгты ныхмæ йæ размæ æвæрд хæслæвæрдтæ иттæг хорз кæй æххæст кодта, уый фæдыл. Хæсты цæхæры Иван Бочаров равдыста хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. Бирæфатерон хæдзæртты цæрджыты хъæппæрисæй, бæстыхайы къулыл, ай у дыккаг ахæм мемориалон фæйнæг. Фыццаг сæвæрдтой Токаты Аслæнбеджы номыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлахизы боны размæ Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуы байгом кодтой Иван Бочаровы номыл мемориалон фæйнæг
Категория:
Новости и СМИ