Хæххон-металлургон институты бындурыл инженертæн байгом сæрмагонд центр
Уæрæсейы егъаудæр æмæ рагондæр æрзæткъахæн «Маяк»-æн фæзынд 3D-хуыз. Бакуыстой йыл центр «Аватар»-ы Цæгат Ирыстоны хæххон-металлургон институты студенттæ. Сæ къухы бафтыд къамтæ æмæ картæйы æххуысæй. Ацы программæмæ се`ргом раздæхтой, Уæрæсейы ацы къабазы сæхи цы куыстуæттæ фæлварынц, уыдон. Екатеринæ Лопушняк йæ гыццылæй нырмæ уарзы компьютертимæ архайын. Цымыдисæй ахуыр кодта програмированийы æвзæгтæ, тырныдта нырыккон технологиты сусæгдзинæдтæ базонынмæ. Азтæ куыд цыдысты, афтæ уыцы куыст сси йæ царды сæйрагдæр нысан. Ахуыр кæнынмæ бацыд Хæххон-металлургон институты информацион технологиты хайадмæ. Ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны Екатеринæйы арæхстдзинæдтæн скодтой стыр аргъ. Дыккæгæм курсы ахуыргæнгæйæ, Хæххон-металлургон институты бындурыл цы центр «Аватар» фæзынд, уым райдыдта кусын лаборантæй. Центр «Аватар» йæ куыст райдыдта ацы аз январы. Йæ сæйраг нысан у инженертæн хæххон уавæрты кусæг роботон системæтæ бацæттæ кæнын æмæ сын атестаци скæнын. Центры фæрцы студентты бон у сæ проекттæ æххæст кæнын. Вæййынц сын цымыдисаг. Дзырдæн зæгъæм, æрхъуыды кодтой нейронон хызты фæрцы згъæркъахæнты уæлдæф сыгъæггæнæн системæ. Æппæт дунейы дзы пайда кæнынц æрмæстдæр ам. Ацы проектимæ инженерты æппæтадæмон æркаст «CASE-IN» -ы бацахстой 6 бынат. Фæлæ центры иуыл ахсджиагдæр æнтыст у, Уæрæсейы егъаудæр æрзæдкъахæн «Маяк»-ы 3D-æмхалдих саразын сæ къухы кæй бафтыд, уый. Уыцы хъуыддаг саразын сын бантыст къамтæ æмæ картæйы руаджы. Ныр æрзæдкъахæн куыстуæтты специалисттæ зондзысты, зæххы бын цыдæриддæр цæуы, уый, æмæ сæ куыст уыдзæн æдасдæр. Программæйæн скодтой стыр аргъ, æмæ бирæ куыстуæтты разамонджыты бафæндыд сæ куысты спайда кæнын. Центр «Аватар»-ы специалистты фидæнмæ нысæнттæ институты разамынды зæрдæмæ цæуынц. Æххуыс сын кæнынц проекттæ цардмæ рауадзынмæ. Æрæджы сын самал кодтой хъомысджын компьютер. Æрыгæттæн аразынц æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй сæ фæлтæрддзинад рæза. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv