Цӕгат Ирыстоны ӕххӕст кӕнын райдайдзысты нырыккон технологиты бындурыл дыргъгуыстгӕныны райрæзты про
Цӕгат Ирыстоны ӕххӕст кӕнын райдайдзысты нырыккон технологиты бындурыл дыргъгуыстгӕныны райрæзты проект. Уый тыххæй фехъусын кодта республикӕйы хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фӕстаг азты бирӕ ногдзинӕдтӕ фӕзынд агропромышленнон комплексы. Нырыккон технологитӕ зынгӕ фӕхуыздæр кодтой хъӕууон фӕллойгӕнджыты куысты ӕнтысындзинад. Пайда сæ кæнынц дыргъдарыны куысты дæр. Сæ руаджы рæзы продукцийы бæркад. Проекты фæлгæты дыргъгуыстмӕ чи бавнала, уыцы хи хӕдзарӕдты хицӕуттӕн ног дыргъдонӕн бындур ӕрӕвӕрын ӕмӕ йӕ дарыны хӕрдзты 90 проценты ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн субсидийӕ. Афтӕмӕй адӕймагӕн йӕхицӕн баззайдзӕн хӕрдзтӕй ӕрмӕстдӕр сӕ 10 проценты. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ проекты архайын фæнд чи скæна, уымæ хъуамæ уа хи зæххы фæзуат 10-30 соткæйы бæрц. Республикӕйы хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министры ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы проекты райрæзтæн 2021 азы республикон бюджеты снысан кӕнын хъӕуы сӕрмагонд фӕрӕзтӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цӕгат Ирыстоны ӕххӕст кӕнын райдайдзысты нырыккон технологиты бындурыл дыргъгуыстгӕныны райрæзты про
Категория:
Новости и СМИ