2 523 адæймаджы фæрынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Коронавирусæй чи фæрынчын, уыдоны нымæц Цæгат Ирыстоны у 2 523. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 67 адæймаджы. 1 371 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтӕн медицинон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнынц дохтыртӕ. Лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы, рынчынтӕ хӕстӕг кӕимӕ ӕмбӕлыдысты ӕмӕ ныхас кӕимӕ кодтой, уыдонмӕ дӕр. Æдæппæтæй covid-ы аххосæй республикæйы фæмард 25 адæймаджы. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 1 142 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та – 5 796 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
2 523 адæймаджы фæрынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ