Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой канализацион люктæ давæджы
Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой канализацион люктæ давæджы. Æмткæй райсгæйæ зиан æрхаста 120 мин сомæн. Люктæй уæлдай ма знаггадгæнæг давта уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы æфсæйнаг бырутæ. Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæг рабæрæг, закъонхалæг 24-аздзыд бынæттон цæрæг кæй у, уый. Цы згъæр æмæ æфсæйнаг адавта, уымæй бакуыста 10 мин сомы. Ахæм закъонхалджыты аххосæй ныр фистæгцæуджыты фæндаджы сæрты хизгæйæ хи æрмæст хæдтулгæтæй хъахъхъæнын нæ фæхъæуы, фæлæ ма, гомæй цы люктæ аззадысты, уыдонæй дæр. Ныххауынæй дзы тæссаг у. Хæдтулгæ скъæрджытæн тап сæ уавæр у бирæ фыддæр. Фæндаггон змæлды шофыр гом люк уынгæ дæр нæ фæкæндзæн, афтæмæй дзы смидæг уыдзæн. Уæлдайдæр та - æхсæвыгон. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, згъæртæ æнæзакъонæй чи `лхæны, уыцы адæммæ карз фæстиуджытæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Закъонмæ гæсгæ ахæстоны сæ бон у 2 азы фæбадын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой канализацион люктæ давæджы
Категория:
Новости и СМИ