Сергей Меняйло æмæ бизнес омбудсмен дзырдтой амалхъомады сæйраг фарстатыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Чысыл æмæ рæстæмбис амлхъомадæн æххуыс. Ууыл дзырдтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло æмæ амалиуæггæнджыты бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур. Дзырдтой, амалхъомады къабазы размæ цы цæлхдуртæ сæвзæры, уыдоныл. Сæ иу - бадзырдон политикæ. Æххæст æй кæны, хъæбæр хауæццæгтимæ бакусыны хæс æвæрд кæуыл ис, уыцы регионалон оператор. Медойты Тимуры ныхæстæм гæсгæ, бырон ласыны аргъ Цæгат Ирыстоны у хæрз чысыл. Уый хыгъд, уыцы лæггæдтæн юридикон бæрнондзинад кæмæ ис æмæ амалиуæг чи кæны, уыдонæн та у бæрзонд. Райхалинаг фарстайыл бакусæн ис сæрмагонд къамис саразгæйæ, – фæнысан кодта Сергей Меняйло. Йæ уæнгтæ уыдзысты цæстдарæн службæты минæвæрттæ, амалхъом адæм æмæ хицауады минæвæрттæ. Кусæг фембæлды æрныхас кодтой амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Советы куысты фæткыл. Уыцы Совет архайы республикæйы сæргълæууæджы æххуысæй. Йæ сæйраг хæс - хицауад æмæ бизнесы бæстон æмгуыстад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv