Ног скъола аразынц Рахизфарсы районы Цӕлыччы
Ног скъола аразынц Рахизфарсы районы Цӕлыччы. Куыстытӕ ӕххӕстгонд цӕуынц федералон проект «Нырыккон скъола» ӕмӕ «Ахуырады»-ы национ проект фӕлгӕты. Кæронмæ фæуыдзысты 2020 азы кӕронмӕ. Ахуыр дзы кӕндзӕн 200 скъоладзауы. Уымӕй уӕлдай ма ацы аз «Ахуырад»-ы национ проекты фӕлгӕты кӕронмӕ фӕуыдзысты арӕзт Мӕздӕджы скъола ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы 31-32-ӕм микрорайоны скъола. Национ проекты фӕрцы ахуырадон уагдӕтты фӕзындзӕн 1 250 ног бынаты. Цӕлыччы зӕронд скъола арӕзт уыд ивгъуыд æнусы 60-ӕм азты. Нырыккон домӕнтӕн дзуапп нæ лæвæрдта. Ныр хъæуы фӕзындзӕн ног бӕстыхай нырыккон ифтонггӕрзтимӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы кусын райдайдзӕн центр «Точка роста», зӕгъгӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмила Башарина. Дыууӕуӕладзыгон скъолайы ахуыргӕнӕн кълӕстӕй уӕлдай ма, ам фӕзындзӕн спортивон зал, хӕрӕндон ӕмӕ хъазынæн фӕзуат. Фӕнысан ма кӕндзыстӕм уый, ӕмӕ 2020 азы ацы программӕйы фӕлгӕты Черменыхъӕу ӕмӕ Хъызлары дӕр райдайдзысты ног скъолатӕ аразын. Уыдзæн дзы 360 ӕмӕ 500 бынаты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног скъола аразынц Рахизфарсы районы Цӕлыччы
Категория:
Новости и СМИ