Беслæны кæлæддзаг хæдзæртты цæрджыты фæнд кæнынц ног цæрæн бынæттæм раивын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

39 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

39 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

39 просмотров

6 лет назад

Беслæны кæлæддзаг хæдзæртты цæрджыты фæнд кæнынц ног цæрæн бынæттæм раивын. Программæ сæххæст кæндзысты ацы азы кæронмæ. Фатертæ ныридæгæн арæзт цæуынц. Æрцæрдзысты дзы 48 бинойнаджы. Ацы хæдзарыл ныр 90 азæй фылдæр цæуы. Беслæны Гагарины номыл уынджы дзы ахæм цæрæнбынæттæ сты æхсæз. Ис дзы 48 бинойнаджы. Хæдзæрттæ рагæй сты заууат уавæры. Адæм æппынæдзух хъаст кæнынц, дон сæм кæй нæ фæкæлы, канализаци æмæ хъармгæнæн системæтӕ нывыл кæй не сты, уый тыххæй. Хæдзæрттæ кæлæддзаг кæй сты, уый тыххæй, сæрмагонд программæмæ гæсгæ, адæмы æндæр ран æрцæрын кæндзысты. Ног фатертæ сын аразын райдыдтой. Æхсæз фондзуæладзыгон хæдзары æрцæрдзысты 48 бинойнаджы. Бæстыхæйттæ ныридæгæн арæзт цæуынц пъланмæ гæсгæ. Ацы аз программæйы фæлгæты хъуамæ ног цæрæнуæттæм раивтаиккой æрмæстдæр 4 хæдзары бинонты. Фæлæ ссардтой уæлæмхасæн фæрæзтæ. Айларты Зæринæ, Рахизфарсы районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг: «2020 азы, пъланмæ гæсгæ, мах ног цæрæнуæттæм ивæм Гагарины номыл уынджы 4 кæлæддзаг хæдзары цæрджыты. Фæлæ нын 2021 азæн дæр рахай кодтой уæлæмхасæн фæрæзтæ. Уымӕ гӕсгӕ ма сæм бафтдзæн ноджыдæр дыууæ хæдзары. Ныридæгæн бацæттæ кодтам æппæт гæххæттыттæ дæр, цæмæй 6 хæдзары цӕрджытӕн ног фатертӕм раивæм». Хæдзæрттæ хъуамæ сцæттæ уой ацы азы кæрон. Администрацийы куыд бафиппайдтой, афтæмæй цæрджытæм исты фиппаинæгтæ куы уа, уæд сæм, æнæмæнг, ведомствæйы æркæсдзысты. Уый тыххæй арæзт ӕрцыд сæрмагонд кусæг къорд дæр. Айларты Эмилия _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Беслæны кæлæддзаг хæдзæртты цæрджыты фæнд кæнынц ног цæрæн бынæттæм раивын

Категория:

Новости и СМИ