«Ирыстоны Намысы Майдан»-æй схорзæхджын кодтой Езеты Петры

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ кæй хъахъхъæны æмæ бирæ азты йæ фæллой егъау æмæ ахадгæ кæй у, уый фæдыл кадджын хæрзиуæг. Езеты Петры абон схорзæхджын кодтой «Ирыстоны Намысы Майдан»-æй. Хъæууон хæдзарадмæ бахаста стыр æвæрæн. Дæнцæгæн хæссинаг хистæры тыххæй нæ уацхæсджыты æрмæджы. Хæлæртты ’хсæн зæрдæбын æмæ рæсугъд арфæтимæ Езеты Петр сбæрæг кодта йæ 80 азы юбилей. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы бардзырдмæ гæсгæ кадджын хистæры схорзæхджын кодтой бæрзонд хæрзиуæг «Ирыстоны Намысы Майдан»-æй. Майдан ын снысан кодтой, ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ кæй хъахъхъæдта æмæ бирæ азты йæ фæллой егъау æмæ ахадгæ кæй уыд, уый фæдыл. Езеты Петр бирæ азты æвæллайгæйæ фæкуыста Дыгургомы Калининыны номыл колхозы. Иу ныхасæй – хъæууон хæдзарады рæзтыл фæкуыста дзæвгар рæстæг. Куыд зæгъы, афтæмæй кусын худинаг никуы уыд. Магусадзинад адæймагыл никуы сфидаудзæн. Фæллойады иттæг хорз бæрæггæнæнтæ кæй равдыста, уый фæдыл Езеты Петры фæбæрæг кодтой «Молодому передовику», зæгъгæ, нысанæй. Хорзæх у Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы номæй, уыимæ ма «Фæллойы Ветеран»-æй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Ирыстоны Намысы Майдан»-æй схорзæхджын кодтой Езеты Петры

Категория:

Новости и СМИ