Советон Цæдисы хъæбатыр Тогуызты Хъауырбегæн байгом кодтой цыртдзæвæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Советон Цæдисы хъайтар Тогуызты Хъауырбегæн кадджын уавæры байгом кодтой цыртдзæвæн. Хъуыддаг къухы бафтыд Æрыдоны разамынд æмæ цæрджыты хъæппæрисæй. Цыртдзæвæныл бакуыста скульптор Сабеты Георгий. Цыртдзæвæн æрбынат кодта сæйраг паркы, æнусон арты цур. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты лæгдзинад чи равдыста, уыдоны `хсæн зынгæ бынат ахсы Советон Цæдисы хъæбатыр Тогуызты Хъауырбег. Хорзæхджын æрцыд Ленины номыл орденæй, Сырх стъалыйы орденæй æмæ майдан «Золотая звезда» - йæ. Хъайтары ном æрымысынмæ æрбацыдысты Æрыдоны районы разамынд, ветерантæ, Тогуызты мыггаджы минæвæрттæ. Се `хсæн Тогуызты Хъауырбеджы чызг дæр. Йæ фыды рухс ном æрымысыны хъуыддаджы чи бацархайдта, уыдонæй алкæмæн дæр бузныг загъта. Сабеты Георгий, скульптор: «Æз гыццылæй нырмæ хъуыстон Тогуызты Хъауырбеджы тыххæй. Уымæ гæсгæ мын цымыдисаг уыд йæ фæлгонцыл кусын. Классикон скульптурæйыл кусгæйæ æппæты зындæр у портрет саразын. Хъуыстгонд адæймаджы портрет та фылдæр хæстæ æвæры махыл, скульптортыл». Тогуызты Лейла, Тогуызты Хъауырбеджы чызг: «Мæ фыд уыд, йæ Райгуырæн бæстæ бирæ чи уарзтæ, ахæм адæймаг. Æмæ мæ фæнды, цæмæй рæзгæ фæлтæр дæр уый æмбарой, аргъ кæной. Уымæн æмæ ацы хъуыддаг æрыгæтты хъомыладæн тынг æххуыс у. Хъуамæ уарзой Райгуырæн бæстæ æмæ йын аргъ кæной». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Советон Цæдисы хъæбатыр Тогуызты Хъауырбегæн байгом кодтой цыртдзæвæн

Категория:

Новости и СМИ