Хъæууон хæдзарады райрæзтæн рахай кæндзысты 467 милуан сомы
Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады хи чи фæлвары, уыдоны куыстуæтты райрæзтæн рахай кæндзысты 467 милуан сомы. Уый тыххæй республикæйы хицауады æмбырды фехъусын кодта регионы экономикæйы райрæзты министр Томайты Хъазыбег. Январæй июньмæ хъæууон хæдзарады кусджытæн радих кодтой 189 милуан æмæ 800 мин сомы. Уыдонæй Федералон бюджетæй 176 милуан æмæ 700 мин сомы 13 милуаны та республикæйы бюджетæй. Агропромышленон комплексы райрæзтæн снысан кодтой паддзахадон æххуысы ног хуызтæ. Æмткæй райсгæйæ, хъæууон хæдзарады кондад 2020 азы фæфылдæр 12%. Хортыды фæзуат ацы аз сси 96 гектарæй фылдæр. Фарон азимæ абаргæйæ зынгæ фæфылдæр. Мæнæу байтыдтой 81 гектары. Фæкъаддæр сты картофы зæххытæ, фæфылдæр сты халсарты фæзуæттæ. Фæлæ ма картоф æмæ халсарты тыллæг кæм дарой, уый нæй. Ныртæккæ ацы фарста бакусинаг у. Хъæууон хæдзарадæн сæрмагонд паддзахон программæмæ гæсгæ, 2014-2025 азты пълан кæнынц инвестицион проектты рæзтыл архайын, уымæн æххуыс уыдзæн падзахад дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæууон хæдзарады райрæзтæн рахай кæндзысты 467 милуан сомы
Категория:
Новости и СМИ