Уæрæсейы Президент Владимир Путин комкоммæ эфиры ныхас кæны бæстæйы цæрджытимæ
Привикæ скæнын барвæндон хъуыддаг у æви нæ? Цавæр вакцинæ у хуыздæр? Æмæ ма Коронавирусы уавæримæ баст æндæр фарстатæ. Бæстæйы цæрджыты ныртæккæ фылдæр тыхсын кæны пандемийæ. Уымæ гæсгæ президентмæ дæр ацы фарстатæ дæттынц. Владимир Путин фыццаджыдæр загъта, прививкæ скæнын, барвæндон хъуыддаг кæй хъуамæ уа, уый. Уыима ма фæнысан кодта, алы регионтæн дæр бар кæй ис, равзарын, цавæр фæтк нысангонд æрцæудзæн вакцинацийæн, уый. Ныридæгæн æнæмæнг иммунизацийы тыххæй сæ фæндон сфидар кодтой 10 регионы. Адæмы фæрстыты 'хсæн хойрæгты æргътæ кæй фæфылдæр сты, уый дæр. Владимир Путин уавæр бамбарын кодта, фарон бæстæйы хъæууон-хæдзарадон къабазы кусджытæ цы тыллæг æрзайын кодтой, уый афæдзы фаг не сси. Уымæ гæсгæ дыргътæ æмæ халсартæ ластой фæсарæнтæй. Уый аххосæй транспортон хæрдзты тыххæй сæ аргъ рауад фылдæр. Ацы аз тыллæг куы æрæмбырд кæной бæстæйы хъæууон-хæдзарадон кусджытæ, уæд уый руаджы хойрæгты æргътæ фæныллæгдæр уыдзысты. Социалон фарстатæй ма иу сывæллæттæ чи хъомыл кæны, уыцы бинонтæн фиддонты тыххæй. Цы фæткмæ гæсгæ нысангонд æрцæуынц, уым арæх сæвзæры фарстатæ. Владимир Путин бабар кодта алы ахæм фартайыл дæр хицæнæй бакусын. Нахас ма цыд газификацийы тыххæй дæр. Фарст радта Хъæрæсе-Черкессийы цæрæг сылгоймаг. Ацы хъуыддаг актуалон у Цæгат Ирыстонæнæ дæр. Владимир Путин загъта, алы хæдзармæ дæр газы хæтæл бауадзын лæвар хъуыддаг кæй у. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv