Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй абонæй фæстæмæ хъæлæс кæнæн ис
Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй абонæй фæстæмæ хъæлæс кæнæн ис. Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, хъæлæс кæныны бон снысан кодтой 1-æм июлы, фæлæ хи бахъахъхъæныны тыххæй, æвзарæн хайæдтæ байгом сты абон. Кусдзысты къуырийы дæргъы. Схъæлæс кæныны бар ис æвзарæн хайады æмæ хæдзары дæр. Цæгат Ирыстоны хъæлæс кæныны рæстæгмæ бæстонæй бацæттæ кодтой. Сæрмагонд нысæнттæ – дистанцийы тыххæй. Хъæлæсгæнджытæн цыппар кабинæйы. Æвзарæн къамисы архайджыты сифтонг кодтой хи бахъахъхъæныны фæрæзтæй. Цæрджыты удæнцойæн, алы стъолы раз дæр уынгты номхыгъд. Æвзарæн хайæдты кæцыдæр хай байгом кодтой гом арвы бын, цæмæй адæм бирæггæйттæй ма æмбырд кæной. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй абонæй фæстæмæ хъæлæс кæнæн ис
Категория:
Новости и СМИ