Ахæм хабæрттæ // 2020 / 11 ноября
Медицинон гамхудтæ, æрмкъухтæ, дезинфекцигæнæн фæрæзтæй куыд ифтонг сты дуканитæ, уый дарддæр бæрæг кæнынц сæрмагонд рейды. Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытимæ рейды ацыд не сфæлдыстадон къорд. Æвзонг артистты театралон традицитæ æмæ ирон драматургиимæ базонгæ кæнын. Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ кæнынц фестиваль «Амыраны рухс»-æн. Æвзарæн туртæ цæуынц дыууæ къæпхæнæй - районты æмæ республикæйы. 60 милуан сомæй фылдæр рахай кодтой алыхузон форумты цы фæсивæд архайдта, уыдоны проектты райрæзтæн. Фæрæзтæ амал кæнынц грантты хуызы. Республикæйы минæвæрттæ æнтыстджытæй архайынц æппæтуæрæсеон æмæ æппæтдунеон ахуырты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 2020 / 11 ноября
Категория:
Новости и СМИ