Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой республикæйы хуыздæр дохтырты
Республикæйы онлайн хуызы æвзарынц Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыры. Сæрмагонд конкурс расидтысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Финалмæ рацыдысты 12 специалисты - 5 терапевты æмæ 7 педиатры. Схъæлæс кæнæн ис 10-æм январы онг. Уый фæстæ профилон къамисы уæнгтæ сбæрæг кæндзысты хуыздæр дохтыры. Хæмыцаты Стеллæйы ныр цалдæр мæйы йæхи рынчынты æнæбары ферох кæнын бахъуыд. Æрыгон дохтыр лæггад кæны COVID-къорды. Сывæллæттæн медицинон æххуыс кæнынмæ араст вæййы хæдзæрттæм. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йе `рвылбоны куысты фæтк мысын райдыдта. Ацы дæсныйад кæй равзæрста, ууыл фæсмон нæ кæны. Йæхи дзы фæлвары 6-æм аз. Ацы дæсныйадмæ йæ былыцъæрттæ рагæй хордта. Хæмыцаты Стеллæимæ иумæ кусы Айларты Маринæ. Ног низæй нæ тæрсы. Йæ хъуыдытæ æппынæдзух баст сты йæ чысыл пациенттимæ. Сабитæн сæ низ сæттын Маринæйы дæр йæ цардуалдзæгæй фæстæмæ фæндыд. Дæнцæг ын йæ мад уыдис. Дохтыры куысты сусæгдзинæдтæ фыццаг уымæй базыдта. Тауытты Ларисæ ацы дæсныйады ис 20 азæй фылдæр. Баххуыс кодта цалдæр сæдæ пациентæн. Дохтыры раз хъомыл кæнынц, свæййынц ын хи бинойнагау уарзон. Тауытты Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй педиатр уæвын тынг зын у, фæлæ пациенттæ дæр зæрдæхæлардæр сты. Медицинон кусæджы бафæндыд конкурсы бацархайын. Мадзалы руаджы специалисттæ кæрæдзийы хуыздæр базыдтой. «Хуыздæр дохтыр»-ы конкурс цæуы 5 къæпхæнмæ гæсгæ. Фыццаг дыууæ къæпхæны кæронмæ æрхæццæ сты. Медицинон кусджытæ балæвæрдтой сæ курдиæттæ, баххæст кодтой хæслæвæрдтæ. Ныртæккæ цæуы æртыккаг- æвзарæн къæпхæн. Хуыздæр дохтырæн хъæлæс раттæн ис республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны сæрмагонд сайты. Уæлахиздзау кадджын номæй хорзæхæй уæлдай ма райсдзæн ног фатер дæр. Дыккаг æмæ æртыккаг бынат чи бацахса, уыдоны та фæнысан кæндзысты зынаргъ лæвæрттæй. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой республикæйы хуыздæр дохтырты
Категория:
Новости и СМИ