Зындгонд ирон фыссæг æмæ поэт Цæрукъаты Алыксандыры райгуырдыл ацы бонты æххæст кæны 102 азы
Зындгонд ирон фыссæг æмæ поэт Цæрукъаты Алыксандыры райгуырдыл ацы бонты æххæст кæны 102 азы. Цæрукъаты Алыксандр райгуырд 1918 азы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары Хъарман-Сындзыхъæуы. Каст фæци педагогон институт, уый фæстæ та Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институт. Бирæ рæстæг фæкуыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы, фæстæдæр та - Цæгат Ирыстоны чиныгдоны. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ фæзындысты 1933-æм азы. Поэты зындгонддæр чингуытæ «Арвæрдын», «Цыма лæууын æз кувæндоны раз» æмæ æндæртæ. Йæ æмдзæвгæтæ ирон поэзимæ æрбахастой ног æнкъарæнтæ, ног поэтикон ахорæнтæ æмæ фæрæзтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Зындгонд ирон фыссæг æмæ поэт Цæрукъаты Алыксандыры райгуырдыл ацы бонты æххæст кæны 102 азы
Категория:
Новости и СМИ