Бархионтæ-медиктæ архайынц коронавирусы мадзæлтты Цæгат Ирыстоны ахсджиаг объектты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Сæрды астæу фæлладуадзæн рæстæг йæ тæмæны бацæуы. Чидæр нырма хъавы денджызы былмæ абалц кæнын, чи та ма фæстæмæ дæр сыздæхт. Бархионтæ-медиктæ аэропорты æмæ вокзалты кæсынц бæлццæтты æнæниздзинады уавæрмæ. Хæдтæхæг æрбадт Дзæуджыхъæуы аэропорты. Æртахт Мæскуыйæ. Багаж райсыны размæ алы бæлццон дæр ацæуы термометрийæ. Аразынц æй бархионтæ-медиктæ. Кæд уавæр зæрдæхсаинаг вæййы, уæд бæлццонæн фадат вæййы ПЦР-тест бынаты скæнын. Анализтæ исынæн кусæнгарз бархионтæн раттынц медицинон уагдæттæ æмæ Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ. Ахæм къордтæ ис æппæт ахсджиаг объектты дæр. Аэропортæй уæлдай архайынц æфсæнвæндаджы æмæ автовокзалты. Ахæм тепловизор температурæ бары дæрддзæгмæ дæр. Уый та æнцондæр кæны бархионты куыст. Бархионтæ кусынц алы бон дæр. Иу фæлтæр иннæйы ивгæйæ, радзурынц сæ хатдзæгты тыххæй, æркæсынц бæрæггæнæнтæм. Дыууæ къуыримæ бæрзонд температурæ раиртæстой æрмæст 5 адæймагмæ. Акци «Мы вместе»-йы фæлгæты бархионтæ-медиктæ æххуыс кæнынц пандемийæйы райдианæй. Уыдысты сырх зонæйы, хостæ ластой ковидæй рынчынтæн æмæ канд уыдонæн нæ. Цыфæнды уавæры дæр бархионтæ æххуысы къух бадарынмæ сты цæттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv