Бæхты театр «Нарты»-йы равдыстытæм билеттæ балхæнæн уыдзæн онлайн хуызы
Бæхты театр «Нарты»-йы аивадæн аргъ чи кæны, уыдонæн æхсызгон хъусынгæнинаг. Труппæйы равдыстытæм ныр билеттæ балхæнæн ис онлайн хуызы. Уый тыххæй хъæуы æрмæст «театрнарты.ру», зæгъгæ, сайтмæ бахизын, равзарын спектакль, фæнысан кæнын бынæттæ æмæ сын банкы картæйы руаджы бафидын. Дарддæр электрон посты адресмæ æрвыст æрцæудзæн онлайн-билет. Хъæудзæн ма йæ æрмæст гæххæттыл рауадзын. Ног къуырийæ та бæхты театрмæ билеттæ балхæнæн уыдзæн «Пушкинская карта»-мæ гæсгæ дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, концертон программæ «Нарты. Легенды возвращаются» фенæн уыдзæн 5-æм æмæ 12-æм мартъийы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv