Тускъаты Таймураз разамынд лæвæрдта сæрмагонд æмбырдæн
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз архайдта кусæг æмбырды. Ныхас кодтой ног объектты арæзтадыл. Видеобастдзинады фæрцы премьер бæрнон кусджытимæ æрдзырдта райхалинаг фарстатыл: суанг проектон хыгъдон гæххæттытæй райдайгæйæ æмæ куыстыты æмгъуыды онг — се ’ргом аздæхтой алы хъуыддагмæ дæр. Тускъаты Таймураз зæрдыл æрлæууын кодта, æрвылкъуыри арæзт кусæг балцытæ фадат кæй дæттынц куыстытæм хъæугæ ивддзинæдтæ бахæссын æмæ бæстыхæйттæ афойнадыл эксплуатацийы раттын. Рейдты хатдзæгтыл уый фæстæ æрдзурынц сæрмагонд æмбырдты. Арæзтадон куыстыты уавæры тыххæй Тускъаты Таймуразæн радзырдтой бынæттон хиуынаффæйады разамонджытæ. Хицауады сæрдар бабар кодта Красногоры хъæуы хъæндзинæдтæ аиуварс кæнын куыстытæ аразæг компанийæн сæхи хардзæй. Уымæй уæлдай, премьеры ныхæстæм гæсгæ, Æрыдоны спорткомплекс чи аразы, уыцы подрядон организациимæ бадзырд хъæуы фехалын. Ахсджиаг амынддзинæдтæ премьерæй райстой Æрæфы, Дыгуры æмæ Рахизфарсы районы сæргълæуджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тускъаты Таймураз разамынд лæвæрдта сæрмагонд æмбырдæн
Категория:
Новости и СМИ