Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфт, уыдоны нæмттæ сæнусон кæндзысты Цæгат Ирыстоны
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфт, уыдоны нæмттæ сæнусон кæндзысты Цæгат Ирыстоны. Проект æххæст кæнынц федералон программæмæ гæсгæ. Культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттӕ хъахъхъæнӕг комитеты куыд бафиппайдтой, афтæмæй æфсæддон-мемориалон объектты бындурон цалцæг æмæ рацарæзт рагæй нæ цыд. Хæсты заманы ӕвӕрд цыртытæ ӕмӕ уӕлмӕрдтӕ сты заууат уавæры. Хъæуы сæ æвæстиатæй цалцæг кæнын. Программæйы фæлгæты ма 5 азы æмгъуыдмæ фæнд кæнынц 70 хӕстон уӕлмӕрдӕн мемориалон нысæнттæ раттын, уымӕй уӕлдай ма сæнусон кæндзысты, чи фесæфт, уыдоны нæмттæ. 2021-æм азы рацараздзысты 8 хӕстон уӕлмӕрды. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфт, уыдоны нæмттæ сæнусон кæндзысты Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ