Хабæрттæ // 2021 / 2 сентября
Беслæны дарддæр цæуы теракты амæттæгты номыл «Мысæн Вахтæ». Райсомæй нырмæ 1-æм скъолайы спортзалмæ цæуынц адæм. Семæ хæссынц дидинджытæ æмæ æнæмæнг дон. Беслæны теракт арф фæд ныууагъта бирæ адæмы царды. 2004 азы 1 сентябры линейкæмæ ацыд Кокуаты Кристинæ дæр. Чызгыл кæд 10 азы цыд уæддæр ирдæй хъуыды кæны уыцы бонтæ. Дзæуджыхъæуы полигоны рекультивацийы радон къæпхæныл æрныхас кодтой, Тускъаты Таймуразы разамындæй цы æмбырд ацыдис, уым. Бæлвырддæр чысыл фæстæдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv