Иугонд паддзахадон фæлварæн радтой рауагъдонтæн сæ ныййарджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

Иугонд паддзахадон фæлварæн радтой рауагъдонтæн сæ ныййарджытæ. Сæ зонындзинæдтæ сфæлтæрдтой уырыссаг æвзагæй. Æппæтуæрæсеон акци сын баххуыс сæ сывæллæтты бынаты сæхи сæвæрын æмæ, уавæр куыд у, уый бамбарын. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæлварæн куыд æмбæлы, афтæ 4 сахаты нæ фыстой. Сæ программæ уыд цыбыргонд. Фæлварæны размæ фæткмæ гæсгæ регистраци. Стæй уæд - сæрмагонд басгæрст, амынддзинæдтæ. Уый фæстæ алы ныййарæг дæр снысан кодтой бынат. Æппæт ацы домæндæ æххæст кæнын хъæудзæн рауагъдонты. Ныр та уал сæ сæххæт кодтой сæ ныййарджытæ. Паспорт, ручкæ, æмæ иттæг хорз цæттæдзинад. телефонтæ æмæ æндæр дзауматæ аудиторимæ хæссæн нæй. Афтæмæй падзахадон фæлварæн райдыдта. Абон ныййарджытæ сæ зонындзинæдтæ фæлварынц уырыссаг æвзагæй. Сæ темæтæ сты, ахуырдзаутæ сæхæдæг цæуыл кусдзысты, уыдоны хуызон. Кæд цыбыргонд у фæлварæн, уæддæр фадат дæтты, алыхуызон хæслæвæрттимæ базонгæ уæвынæн. Паддзахадон фæлварæны агъоммæ фæмæт кæнынц куыд ахуырдзаутæ, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Уымæ гæсгæ скъоладзауы цæттæдзинад хъуамæ уа фыццаг хæстæй иу. Æмæ йын бинонтæ дæр хъуамæ баххуыс кæной ацы хъуыддаджы. Ныййарджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй куы ацæуой фæлварæн, уæд сын сæ сывæллæттæн дæр æнцон уыдзæн баххуыс кæнын. Цæмæй ныййарджытæ æппæт хабæрттæ сæхиуыл банкъарой, ууыл дæр мадзал аразджытæ бакуыстой. Зæгъæм, цæстдарджытæн фадат ис, гуырысхойаг чи у, уыцы скъоладзауы фæлварæнæй рарвитын. Ома, йæм чырæ хæтæл куы ссарой, уæд. Фæлварæны ма архайдта ахуырады æмæ наукæйы министр Людмила Башарина йæхæдæг дæр. Æппæуæрæсеон акци «Единый день сдачи ЕГЭ родителями», зæгъгæ арæзт цæуы 2 къæпхæнæй. 12 мартъийы мадзал арæзт æрцыд районты. Ныр та - Дзæуджыхъæуы, 27-æм скъолайы бындурыл. Архайдта дзы 45 ныййарæджы. Стæй алыхуызон министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ. Фæлварæны фæстæ ныййарджытæ аныхас кодтой министримæ. Людмила Башарина сын дзуаппытæ радта сæ фæрстытæн. Гугкаты Иринæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Иугонд паддзахадон фæлварæн радтой рауагъдонтæн сæ ныййарджытæ

Категория:

Новости и СМИ