УФ-йы президент Владимир Путин ныхас кодта бæстæйы цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Цавæр вакцинæ у хуыздæр æмæ ма Коронавирусы уавæримæ баст æндæр фарстатæ. Нæ бæстæйы президент Владимир Путин абон 4 сахаты дзуæппытæ лæвæрдта цæрджыты фæрстытæн. Æнæниздзинад хъахъхъæнынад, туризм, хъæууон хæдзарад — бæстæйы разамонæг афæлгæсыд алы къабазыл дæр. Комкоммæ ныхас нæ бæстæйы президентимæ. 4 сахаты бæрц цæрджытæй алчидæр цæттæ уыд йæ фарст раттынма. Æдæппæттæй æрæмбырд 2 милуанæй фылдæр фарсты. Сæ фылдæр баст уыдысты коронавирусы низимæ æмæ йемæ куыд тох кæнын хъæуы, уыимæ. Фарстаты ’хсæн — ног низы ныхмæ вакцинæ скæнын æнæмæнг æви барвæндон хъуыддаг у. Владимир Путин загъта, хъуыддаг барвæндон кæй у, йæ кæй кæнынц нæ бæстæйы 10 регионы. Цæрджытæ радтой фарста æппæтуæрæсеон локдауны тыххæй. 23 милуан адæймаджы ныридæгæн кæй ацыдысты вакцинаци, уый тыххæй фæнысан кодта нæ бæстæйы президент. Йæхæдæг равзæрста вакцинæ Спутник-V. Иммунизаци æнтыстыджынæй цæуы Цæгат Ирыстоны дæр. Владимир Путин радзырдта, прививкæйы фæстæ йæхи куыд æнкъардта, уый тыххæй. Уыцы къабазы нæ бæстæйы специалисттæ дарддæр дæр æнтыстджынæй кусынц. Ныхас ма цыд, хойрæгты аргъ уæлдæр кæй кæны, ууыл. Ацы фарста Владимир Путин рахуыдта у глобалон. Хойрæгты æргътæ ныртæккæ æппæт дунейы дæр сты, а фæстаг 10 азимæ абаргæйæ, æппæты бæрзонддæр къæпхæныл. Чи зоны, æмæ сты ковиды фæстиуджытæ. Цæмæй æргътæ ма уæлдæр кæной, уый тыххæй бæстæйы хицауад бацæттæ кодта сæрмагонд уагæвæрдтæ. Æргътæ ма уæлæмæ хизынц, æндæр аз коронавирусы тыххæй хорз тыллæг кæй нæ уыд, уый аххосæй дæр. Владимир Путин йе ’ргом аздæхта, дыргътæ æмæ халсартæ зайын кæныныл фылдæр бакусын кæй хъæуы, уымæ. Уый хыгъд экспорты хъуыддаг у зынгæ хуыздæр. 2020 азы хъæууон хæдзарады продукцийы экспорты руаджы нæ бæстæ бакуыста 30 милуан доллæры. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады лæггæдтæ дæр нæ аиуварс кодтой. Бирæ фарстатæ уыд газæй ифтонгады фæдыл. Ныр хи хæдзæртты онг газ уадздзысты æнæ бынæттон цæрджыты æххуысæй, паддзахады хардзæй. Уый тыххæй Паддзахадон Думæ бацæттæ кодта сæрмагонд бардзырд. Иннæ ахсджиаг фарста - бырæттыл бакусыны хъуыддаг. Фарста ахъсджиаг у нæ республикæйæн дæр. Ныридæгæн аразынц, бырæттыл ногæй бакусæн кæм уыдзæн, ахæм полигон. Ныхас ма цыд амалхъом адæмы тыххæй. Пандемийæйы рæстæг чысыл æмæ астæуккаг амалхъомад бавзæрста зындзинæдтæ. Бизнесы райрæзтæн лæвæрд кредиты процент у тынг бæрзонд - 18%. Рæстæгмæ гæсгæ та йе ’мгъуыд у 3 азы. Цæрджытæ бафиппайдтой, ахæм хуызы ныхас пайда æмæ хорз кæй у, уый. Рахаста хъæппæрис, цæмæй регионты сæргълæуджытæ цæрджытимæ афтæ ныхас кæной ахæм фембæлдты. Нæ республикæйы йемæ сразы сты. Владимир Путин дзуапп радта 68 фарстайæн. Уыдысты алы къабæзтæй. Стæй фæнысан кодта, эфирмæ цы курдиæттæ нæ бахауд, уыдон æнæ ’ркастæй кæй нæ баззайдзысты, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv