Абон Уæрæсейы арæнхъахъхъæнæг æфсæдтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон
Абон Уæрæсейы арæнхъахъхъæнæг æфсæдтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. Алы бон дæр æнæрынцойæ кæсынц цæрджыты æдасдзинад æмæ бæстæйы арæнтæм. Уæрæсейы кæрæттæ та æрæнцадысты Цæгат Ирыстоныл дæр. Уый тыххæй арæнхъахъхъæнджытæн иу уысм дæр æнæ къæрцхъусæй уæвæн нæй. Уæрæсейы паддзахадон арæны иумæйаг дæргъ у 60 мин километрæй фылдæр. Службæгæнджыты бæрны ис Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны `хсæн 170 км. Сæрмагондæй Уæллаг Ларс æмæ Дæллаг Зæрæмæджы пункттæ. Службæйы ветерантæ бабæрæг кодтой хъæбатырæй чи фæмард, уыцы æфсæддонты мемориал æмæ цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрдтой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон Уæрæсейы арæнхъахъхъæнæг æфсæдтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон
Категория:
Новости и СМИ