Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег сæххæст кодта Уататы Элинæйы бæллиц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны архайы æппæтуæрæсеон акци «Ёлка желаний»-йы. Сæ курдиæттæ акцимæ балæвæрдтой сидзæр сабитæ, æндæр бинонты цы сывæллæттæ хъомыл кæнынц, стæй сæ æфтиæгтæ фæцæрынæн æппынкъаддæры бæрцæй дæлдæр кæмæн сты, ахӕмтӕ, стӕй йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыдон. Хæрзаудæн акци цæуы æртыккаг аз. Абон сӕ иуы бæллиц сæххæст кодта Дзæджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег. Абон Уататы бинонты хæдзар уæлдай хъæлдзæг у. Сæ чызджытæй иу - Элинæ бæрæг кæны йæ гуырæнбон. Афтæ рауад, æмæ абон сæххæст йæ бæллиц дæр. Акци «Ёлка желаний»-мæ балæвæрдта йæ курдиат. Бæллыди пианиномæ. Ахæм лаварыл, нырыккон пианинойыл бацин кодтой æнæхъæн бинонтæ дæр. Элинæйыл абон сæххæст 8 азы. Ахуыр кæны 42-æм скъолайы 2-æм къласы. Уарзы националон кæфтытæ, æмхиц у ныв кæнынмæ дæр. Фæлæ, йæ зæрдæйы уæлдай бынат ахсы музыкæ. Музыкалон инструмент балхæныны фадат бинонтæн нæ уыд. Уæд сфæнд кодтой æрвылазон акци «Ёлка желаний»-йы бацархайын. Æмæ сæ чызджы бæллиц сæххæст. Йæ лæвар райста Дзæужыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбеджы къухтæй. Ныр Элинæйы бон уыдзæн цӕгъдын хæдзары дæр. Уæдæ йæм фидæнмæ дæр бирæ пълæнттæ ис. Фæнды йæ аивæдты республикон лицеймæ бацæуын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv