Ирон къæлиндармæ гæсгæ, 14 сентябры у Фæззæджы Тутыры бæрæгбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Ирон къæлиндармæ гæсгæ, абон у бæрæгбон - Фæззæджы Тутыр. Ахæм ахъаззаг æмæ ахсджиаг бардуагмæ ирон адæм куывтой арæх. Сæрмагондæй йæ номыл алы аз дæр кодтой дыууæ куывды - уалдзæджы æмæ Фæззæджы, Майрæмыкуадзæнæй-иу фондз къуырийы куы рацыд, уæд. Уыцы бæрæгбон хуыдтой Фæззæджы Тутыр кæнæ та Тутыры æхсæв. Бæрæгбонмæ-иу бахсыстой бæгæны, рауагътой арахъ. Нывондагæн æвзæрстой цæу кæнæ сæгъ. Хуыдтой йæ Тутыры цæу. Кусарт кодтой, цалынмæ ма-иу рухс уыд, уæдмæ. Бинонты хистæр-иу скуывта Тутырмæ, цæмæй сын сæ фос бирæгътæй хъахъхъæна, сæ нымæц ма фæкъаддæр уа, фæлæ фылдæрæй-фылдæр кæна. Тутыры кувинæгтæй искæйы бинонтæн нæ лæвæрдæуыд. Цыд ахæм ныхас, зæгъгæ, йæ кувинæгтæй æндæр бинонтæн чи радта, уыдонæн бирæгъ сæ фосæй æнæ ахæсгæ нæ фæуыдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ирон къæлиндармæ гæсгæ, 14 сентябры у Фæззæджы Тутыры бæрæгбон

Категория:

Новости и СМИ