Бизнесы архайды бардæттæг лицензи бæстæйы хицауад иу азмæ адæргъвæтин кодта
Бизнесы архайды бардæттæг лицензи бæстæйы хицауад иу азмæ адæргъвæтин кодта. Сæрмагонд бардзырд бафыста премьер-министр Михаил Мишустин. Уымæй уæлдай ма сæ ацы аз нысан кæндзысты рогдæр фæткмæ гæсгæ. Афтæмæй, ногдзинад аххæсдзæн 120 хуызыл. Се 'хсæн хъæууон хæдзарад, промышленность, базарад, акцизæимæ товартæ, бастдзинады лæггæдтæ, такси. Хицауады хæдзары куыд фæнысан кодтой, афтæмæй æнцондæрæй æмæ автоматикон хуызы сног кæндзысты 2,5 милуан бардæттæг гæххæтты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv