Хъæбæр коммуналон хауæццæты нормативтæ сног кæндзысты Цæгат Ирыстоны
Хъæбæр коммуналон хауæццæты нормативтæ сног кæндзысты Цæгат Ирыстоны. Афæдзы дæргъы рæстæгæй-рæстæгмæ специалисттæ сбæрæг кæнынц хауæццæты уавæр. Уый фæрцы снысан кæнынц ацы лæггады тариф. Иртæстыты тыххæй бакуыстой сæрмагонд программæтыл. Сæ хыгъдмæ бахастой бирæфатерон хæдзæрттæ, куыстуаттæ, социалон объекттæ. Афæдзы кæронмæ бацæттæ кæндзысты хатдзæгтимæ гæххæт. Йæ бындурыл тариф ногæй банымайдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv