Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ архайынц æппæтуæрæсеон ахуырты
Уалдзыгон донивылдтытæ æмæ æрдзон зынгсирвæзтытæй цæрджыты бахъахъхъæнын. Ахæм нысанимæ æппæтуæрæсеон ахуырты архайынц цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ. Кусдзысты æнæнхъæлæджы уавæртæ хъусæн - æмæ иуварсгæнæн системæйæ пайдагæнгæйæ. Ахуыртæ цæудзысты 3 боны. Бæрæг кæндзысты дзуаппдæттæг кусæндæттимæ æмгуыстады фæзилæнтæ дæр. Фыццаджыдæр, бацархайдзысты хъусынгæнæн системæйыл, æнæнхъæлæджы уавæр снысан кæнынмæ цæттæдзинадыл, архайдзысты æнæхъæлæджы цауы фæстиуджытæ иуварс кæныныл, иртасдзысты, хъæдты зынгсирвæзтæ æмæ донивылдтытæй цас тæссаг у, уый. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, æнæнхъæлæджы уавæры ран кусдзæн аэромобилон къорд, йæ хыгъды 100 адæймаджы, афтæмæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ архайынц æппæтуæрæсеон ахуырты
Категория:
Новости и СМИ