«Дорога к себе», ахæм сæргондимæ документалон кинонывы премьерæ ацыд Дзæуджыхъæуы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

«Дорога к себе», ахæм сæргондимæ документалон кинонывы премьерæ ацыд Дзæуджыхъæуы. 2020-æм азы октябры Дыгуры районы, æдзæрæг ран Ногхъæуы, æрдзы хъæбысы æрбынат кодта цымыдисаг равдыст. Уый зындгонд скульптор Соскъиты Владимир Мæскуыйæ йæ куыстытæ æрласта йæ фыды уæзæгмæ. Ихджын суадæттæ æмæ бæрзонд хæхтæ цыма цыртдзæвæнты уд бауагътой, уыййау уыдысты æмæ адæймаджы цæст сæхимæ ’лвæстой. Кинонывы хъайтар æргом кæны йæ аивад æмæ миддунейы сусæгдзинæдтæ. Бакуыста йыл сфæлдыстадон хъæппæристы бюро «Мост». Йæ автортæ Дзабиаты Эльбрус æмæ Хъæрджынты Иринæ. Арф хъуыды æмæ сæрибардзинад йæ алы куысты дæр. Æнæ афтæмæй гæнæн нæй, зæгъы Соскъиты Владимир. Ахсджиагдæр у, цæмæй дæ архайдæй цы зæгъинаг дæ, уый аивадуарзджытæ бамбарой, хъуыды йыл кæной. Уый у сфæлдыстады стыр нысан. Уæртæ сыхæгты лæг фæцæуы хос кæрдынмæ. Мæнæ ам та суадонæй ног чындз дон æрбахæссы. Ацы адæм та кувынц Хуыцаумæ. Хуымæтæг цардæй ист скъуыддзæгтæ. Скульпторæн æппæтæй сæйрагдæр у равдисын æргом æмæ æнæхин æнкъарæнтæ. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ равдысты сæйраг бынат ахсы авторæн йæ фыд. Фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, йæ хъæбулы райгуырд нæ федта, афтæмæй. Фæлæ уæддæр фыд æмæ фыртæн ис, цæст кæй нæ уыны, ахæм хъæддых бастдзинад. Документалон кинонывы авторты фæндыд равдисын Соскъиты Владимиры курдиат æнæ уæлæмхасæн ахорæнтæй. Йе 'сфæлдыстадæн ис æгæрон тых. Соскъиты Владимир кинонывы æвдыст æрцыд куыд канд скульптор нæ, фæлæ ма куыд адæймаг дæр. Æмæ хуымæтæджы нæ. Йæ куыстыты, æнæмæнг, æвдыст æрцæуы йæхи миддуне дæр. Зæгъæм, йæ хæдзары ис скульптурæ: нæлгоймаг, хохы цъуппмæ цæугæйæ, йемæ фæхæссы асин дæр. Ома, цыфæнды къæпхæнмæ схизгæйæ дæр Соскъиты Владимир йæхицæн нæ дæтты æнцад лæууыны бар. Ахæм у йæ царды философи. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv