Цæгат Ирыстоны уæлдай æргом аздæхтой скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты æдасдзинадмæ
Сергей Меняйло бахæс кодта республикæйы ахуырадон уагдæтты æдасдзинады мадæлттæ куыд æххæст кæнынц, уый сбæрæг кæнын. Уымæн аххосаг сты Казаны скъолайы цаутæ. Æрыгон лæппу бацыд скъоламæ æмæ фехста скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджыты. Хъыгагæн, амæттæгтæ æмæ хъыгдæрд чи баййæфта, ахæмтæ разынд. Фыдгæнæгæн бантыст скъоламæ бацæуын, хъахъхъæнæг дзы кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Хъахъхъæнæг лæмбынæг кæсы видеоцæстдарды системæйы монитормæ. Истæуыл куы фæгуырысхо вæййы, уæд уавæрмæ æвæстиатæй йæ хъус æрдары. Скъоламæ æцæгæлон адæмæн æрбацæуæн нæй. Мидæмæ уадзынц æрмæст ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзауты. Скъоламæ цæстдард ис куыд æддейы, афтæ мидæгæй дæр. Хæрæндон, ахизæнтæ, уæладзгуыты `хсæн ахизæнтæ. Скъолайы алыварс дæр ис быру. Бæстыхайы дуар кæддæриддæр æхгæд у дæгъæлæй. Æнæ рагагъоммæ бадзырдæй мидæмæ æрбацæуæн нæй. Рæвдауæндоны бахизæн æмæ кулдуар сты æхгæд. Хъахъхъæнæг алы æрбацæуæгмæ дæр æддæмæ ахизы. Бахизæны хъахъхъæнæгæн нæй сæрмагонд бынат. Фæлæ кусæндоны куыд фæнысан кодтой, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг фарста райхалыныл бакусдзысты. Сывæллæтты сæ ныййарджытæ куы æрбахонынц, уæддæр сæм цæстдард ис. Рæвдауæндонмæ бацæуæны ис домофон. Мидæгæй - фæдисы дзæнгæрæг, фæлæ уал дзы мобилон æгъдауæй спайдагæнæн нæй. Æдасдзинады мадзæлттæ скъолаты куыд æххæст кæнынц, уый сбæрæг кодтой æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ дæр. Бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы цалдæр скъолайы. Скъолаты сарæзтой сæрмагонд уроктæ. Ахуырдзаутæн сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, æнæнхъæлæджы уавæры хи куыд дарын хъæуы, уый. Хъазаны скъолайы æвирхъау цауы фæстæ Уæрæсейы Президент, стæй нæ республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, ахуырадон кусæндæтты æдасдзинадмæ уæлдай æргом аздæхтой. Уый фæдыл Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы сæмбырд кодтой къамис. Цы фиппаинæгтæ сбæрæг кодтой къамисы уæнгтæ, уыдоныл цыбыр рæстæгмæ бакусдзысты. Кæмдæр фаг рухс нæй изæрыгон, кæмдæр та видеоцæстдарды системæ æххæстæй нæ кусы. Аухырадон кусæндæттæм фæкæсдзысты хъæугæ техникон фæрæзтæй дæр. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны уæлдай æргом аздæхтой скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты æдасдзинадмæ
Категория:
Новости и СМИ