Дзæуджыхъæуы ацæргæ адæмы центры æххæст кæнынц коронавирусы ныхмæ домæнтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Хи бахъахъхъæнын æмæ уагæвæрдтæ æххæст кæнын. Дзæуджыхъæуы ацæргæ адæмы рæстæг æрвитæн центры кусдыжтæ дарынц маскæтæ, къухтæ дезинфекци кæнынц æмæ социалон дистанцæ нæ халынц. Иу ныхасæй - Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы домæнтæ æххæст кæнынц. Фыццаджыдæр къухтæ дезинфекци скæнынц, уый фæстæ сбарынц буары тæвд. Ацæргæ адæм æмæ, йе `нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм адæм боныгон кæм вæййынц, уыцы центры ног низы ныхмæ уагæвæрдтæ æмбæлгæ хуызы æхххæст кæнынц. Центры кусджытыл ис стыр бæрнондзинад. Зæгъæм, Нина Калинкина ардæм æрбацæуы æрвылбон. Коронавирус йæ тыхы кæй бацыд, уый тыххæй æппæт домæнтæ æххæст кæнын хъæуы уæлдай къæрцхъусдæрæй. Кварцевани кæнынц бон дыууæ хатты. Зæгъæм, исчи æхснырсæджы миниуджытæ йæхиуыл куы банкъары, уæд æм уайтагъд æркæсы терапевт. Социалон лæггæдтæй пайдагæнджыты ныхæстæм гæсгæ, коронавирусы фыццаг уылæны рæстæг сын зын уыд, фыццаджыдæр моралон æгъдауæй. Æрвылбон, фæткмæ гæсгæ, центр исы 30 адæймаджы. Фæлæ уагæвæрдтæ куы фæкарздæр кодтой, уæдæй фæстæмæ сæ нымæц фæкъаддæр. Уымæй уæлдай ма, алы хуызы процедурон агъуысты 2 кæнæ 3 адæймагæй фылдæр нæ вæййы. Центры кусджытæ æрвылбон ныхас кæнынц се `рбацæуджытимæ. Семæ кæнынц æмбарынгæнæн ныхас. Дзурынц, вакцинаци ацæуын ахсджиаг кæй у. Ныридæгæн прививкæ скодтой кусджыты æмбис. Пандемийæйы рæстæг сæ коронавирусæй иу адæймаг дæр нæ фæрынчын. Разамынды ныхæстæм гæсгæ, ныр дæр архайдзысты, цæмæй ахæм статистикæ ма фæхæла. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv