Уæззау атлетикæйæ республикон ерыстæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы
Уæззау атлетикæйæ республикон ерыстæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы. Архайынц дзы, 13 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæ. Æдæппæтæй 70 спортсмены. Хуыздæртæ дарддæр архайдзысты Уæрæсейы чемпионаты. Ацæудзæн 21-æм февралы горæт Старый Осколы. Ныртæккæ ерыстæ цæудзысты дыууæ боны. Мадзаларазджытӕ — спорты министрад æмæ спортивон цæттæдзинады центр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv