Сергей Меняйло разамындæй хицауады хæдзары уыд аппартон æмбырд
Доны фарста августы кæронмæ аиуварс кæндзысты Цæлыкк æмæ Елбаевойы хъæуты. Заманхъулы цæрджытæм та дон фæзындзæн сентябры кæрон. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Таматы Майрæн. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг бабар кодта сæрдыгон мæйты донæй цух цы хъæутæ 'ййафынц, уым донгуырæнты уавæрмæ æркæсын. Æппæт бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ гæнæнтæ ссарын фарста аиуварс кæнынæн. Æмбырды ма ныхас цыд республикæ цы продукци уадзы, уый сæрмагонд хыгъд скæныныл. Йæ сæйраг нысан товарты кæцыдæр хай бынæттон амалхъом адæммæй æлхæнын. Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Михаил Скоков та радзырдта вакцинацийы мæнг сертификатты тыххæй. Фæсидт æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ, цæмæй уыцы фарстамæ цæстдард фæкарздæр кæной, стæй сæ кусджытимæ кæной профилактикон куыст. Сергей Меняйло ма иу хатт загъта, цæмæй вакцинацийы бланктæ лæмбынæгæй бæрæггонд цæуой. Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин та радзырдта арæзтадон объектты тыххæй. Зæгъæм, зæрдæхсаинаг у Ольгинскæйы Культурæйы хæдзары арæзтад. Гæнæн ис æмæ куыстытæ бæрæггонд 'мгъуыдмæ нæ фæуыдзысты. Республикæйы сæргълæууæг загъта, ахæм арæзтадон куысуæттимæ æмгуыстад бауромын кæй хъæуы. Æмæ ссарын, хорз чи кусы, ахæмты, цæмæй объектты арæзтад кæронмæ афойнадыл хæццæ кæна. Æмбырды ма ныхас цыд ахуырады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны къабæзты кусджыты мызд фидыны фарстайыл. Сергей Меняйло бабар кодта сæрмагонд гæххæттыл бакусын. Уый руаджы уæлæмхасæн фиддонтæ дæтдзысты хуыздæр кусджытæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv