Цæгат Ирыстоны æрмдæснытæ архайынц чырыстон культурæ æмæ адæмон аивæдты æппæтадæмон фестивалы
Цæгат Ирыстоны æрмдæснытæ архайынц «Традиции Святой Руси», зæгъгæ, чырыстон культурæ æмæ адæмон аивæдты æппæтадæмон фестивалы. Мадзал арæзт у горæт Орелы. Республикæйы минæвæрттæ - ансамбль «Хъуыбады» æмæ фæндырдзæгъджыты къорд «Фарн». Æрмдæснытæ адæмы рæгъмæ рахастой къухæй конд гæрзтæ. Традицион уæлæдарæс, хæдзары даргæ дзауматæ, фæлындæнтæ. Фестиваль байгом кодтой кадджын мадзалæй. Архайдтой дзы Уæрæсейы регионтæй, стæй Украинæ, Серби, Армени æмæ Белоруссийы минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы номæй арфæйы фыстæг уазджытæн бакаст Хъуыссæты Маирбег. Сæргълæууæджы æххуысгæнæг мадзал аразджытæн загъта бузныг, ахæм егъау фестивалы нæ республикæ кæй архайы, уый тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны æрмдæснытæ архайынц чырыстон культурæ æмæ адæмон аивæдты æппæтадæмон фестивалы
Категория:
Новости и СМИ