Фæцæрынæн æппынкъадæры æхцайы бæрц Цæгат Ирыстоны фæфылдæр
Фæцæрынæн æппынкъадæры æхцайы бæрц Цæгат Ирыстоны фæфылдæр. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Кавказы статистикæйы службæ. Ацы аз апрелæй-июнмæ рауад 10 мин æмæ 47 сомы. Уый фыццаг кварталимæ абаргæйæ у 6% фылдæр. Январæй мартъимæ уыд 9 480 сомы. Иу чысыл æрхаудысты базайрæгты æргътæ. Хойрæгты аргъæй июлы ахауд 1,8%, хицæн товартыл бафтыд 0,4%, лæггæдтыл та 0,6%. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæцæрынæн æппынкъадæры æхцайы бæрц Цæгат Ирыстоны фæфылдæр
Категория:
Новости и СМИ