РЦИ-Аланийы хицауады хæдзары ацыд проектон офисы æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Курдиатджын фисивæдæн æххуыс, ирон театры райрæзт, проект «Борьба с бедностью»-ы æххæстгæнæн мадзæлттæ. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас кодтой проектон офисы æмбырды. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ирон фæдыр, саксафон æмæ фортепианойы зæлтæ. Хыгъд æххæстæй нæу. Нæ телеканалы студи сæмбырд кодта курдиатджын фæсивæды нæ республикæйы алы къуымтæй. Се 'хсæн нывгæнджытæ, хореографтæ. Сæхи равдисынмæ сæ хъарутæ нæ бавгъау кодтой. Æрыгон курдиатты конкурс ахæм хуызы фыццаг хатт ацыд. Сарæзтой йæ «Одарённые дети», зæгъгæ, проекты фæлгæты. Сывæллæттæн стыр хъомыс у сæхи раргом кæнынæн. Æцæг стъалы суæвынæн æмæ республикæйы кад бæрзонд сисынæн. Проект снысан кодтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Проект куыд æххæстгонд цæуы, ууыл абон æрдзырдтой проектон офисы æмбырды. Телеуынады конкурсы архайдтой 45 сывæллоны муниципалон æмæ республикон аивæдты скъолатæй. Проекты финалы архайджытæ ацы сæрд абалц кæндзысты Петербургмæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, ахæм конкурстæн сæ сæйрадæр нысан у, канд курдиат раиртасын нæ, фæлæ ма йын æххуыс кæнын, цардмæ йæ рауадзын. Æмбырды архайджытима æрдзырдтой культурон объект Тæбæхсæуты Баллойы номыл академион тетрыл. Театры разамонæг Уалыты Гиви радзырдта райрæзты пълæнтты тыххæй. Материалон-техникон базæ фæхуыздæр кæныныл, кадрты цæттæ кæнын æмæ электрон билеттæ снысан кæныныл. Театры аивадон разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй цæмæй ирон театры актертæ республикæйы районтæм цæуой, уый тыххæй сæ хъæуы транспорт. Битарты Вячеслав ныфс бавæрдта ацы фарстамæ йе 'ргом кæй раздахдзæн, уымæй. Уæлдай цæстдард цæудзæн Ирон театры студи скъола саразынмæ. Сæргълæууæг бабар кодта, проект бацæттæ кæнын, цæмæй фидæны азы бюдджеты фæрæзтæ бавæрой. Уыимæ ма ныртæккæ кусынц ирон театры бæстыхайы рацарæзты проектыл. Фæнд кæнынц сцалцæг кæнын мидæггаг уæттæ, зал, сценæйы механикæ, рухсдæттæн системæ. Фæнд ма кæнынц бæстыхайы сæр раивын æмæ театры æддаг бакаст снывыл кæнын. Проектон-сметон гæххæтытæ цæттæ уыдзысты ацы аз июлы. Хæстæгдæр рæстæг театры цалцæг кæнын райдайдзысты театры актерты æмдзæрæн. Уый тыххæй æхцайы фæрæзтæ рахай кæндзысты 25 милуан сомы. Æмбырды ма байхъуыстой проектты райрæзты тыххæй алы лкъуырийы хатдзæгтæм. Се 'хсæн «Борьба с бедностью», проект. Æххæст æй кæнынц ацы азы райдианæй. Программæйы бацархайæн ис 4 къабазмæ гæсгæ: амалхъомад, хи фермæ, куыст ссарынмæ æмæ материалон æххуыс. Æмбырды ма куыд сбæрæг, афтæмæй Республикон клиникон рынчындоны фæзындзæн анестезиологи æмæ реанимацийы службæ. Проектыл нырма кæнынц кусгæ. Службæйæн кадртæ цæттæ кæндзысты Беслæны медицинон центры бындурыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

РЦИ-Аланийы хицауады хæдзары ацыд проектон офисы æмбырд

Категория:

Новости и СМИ