Цæгат Ирыстоны иугонд командæ Æппæтуæрæсеон ерысты тайаг боксæй студентты `хсæн бацахста 3 аг бынат
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ тайаг боксæй сси Æппæтуæрæсеон ерысты призер къуххæстæй. Студентты `хсæн чемпионат ацыд Грознайы. Цæгатирыстойнаг боксёр Кочиты Зауырбег рамбылдта æвзист майдан 67 кг онг уæзы. Фыццаг тохы фæуæлахиз рагагъоммæ, дыккаджы тыхджындæр разынд йæ ныхмæлæууæгæй Дагестанæй. Йе `руаджы нæ иугонд командæ бацахста æртыккаг бынат. Ныр спортсмен архайдзæн æппæтуæрсеон чемпионаты. Цæудзæн декабры Екатеринбургы. Боксеры бацæттæ кодтой тренертæ Верди Тариев æмæ Геннадий Мартиросов. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ Æппæтуæрæсеон ерысты тайаг боксæй студентты `хсæн бацахста 3 аг бынат
Категория:
Новости и СМИ