Хъæуты райрæзтæн Цæгат Ирыстон райсдзæн 64 милуан сомы
Цæгат Ирыстонæн ратдзысты 64 милуан сомы хъæуты райрæзтæн. Ахæм бардзыр бафыста Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Фæрæзтæ схардз кæндзысты сывæллæттæн хъазæн æмæ спортивон фæзты арæзтад æмæ ифтонгадыл, фæлладуадзæн бынæттæ скæныныл, рухсдæттæн системæ саразыныл, фистæгæйцæуджытæн æмбæлгæ инфрастурктурæйыл. Уæдæ сцалцæг кæндзысты уынгты фæндæгтæ дæр. Æппæт мадзæлттæ арæзт цæудзысты «Хъæуты райрæзты проекты фæлгæты». 44 регионæн сæ иумæйаг фæрæзты бæрц у 1 миллиард сомæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv