Рахизфарсы районы кусынц национ проекттæ сæххæст кæныныл
Рахизфарсы районы æнтыстджынæй кусынц национ проекттæ сæххæст кæныныл. Аразынц ног рæвдауæндæттæ, скъолатæ, спортивон объекттæ. Æнтыстдзинæдтæ ис хъæууон хæдзарады къабазы дæр. Рахизфарсы районы рæзтыл журналисттимæ аныхас кодта районы сæргълæууæг Фрайты Сослан. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Ацы бынаты нырма уал ныссагътой фæсарæнтæй ласт æнгузы хуыз «Чандлер», фæлæ дзы тагъд рæстæджы фæзындзæн «Лара» æмæ «Фернор» мыггæгтæ дæр. Рахизфарсы районы быдырты компани «Эколенд» йæ куыст райдыдта 2008 азы. Кусынц 40 гектары фæзуатыл. Фæнд æй кæнынц фæуæрхдæр кæнын. Æдæппæтæй 100 гектары онг. Дудайты Роберт та йæ бинонтимæ хъæрмуæтты куыст кæны ныр æхсæзæймаг аз. «Парадайз», зæгъгæ, пъæмидортæ зайын кæнынц хи хæдзары 4 сæдæ квадратон метры фæзуатыл. Фидæны пълан кæны хъæрмуаты ауадзын газ æмæ йæ фæуæрæхдæр кæнын. Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, кусынхъом адæмæн канд район нæ, фæлæ ма республикæйы хицауад дæр баххуыс кæнынмæ алкæддæр у разы. Беслæны æнтыстджынæй кусынц куыд хъæууон хæдзарады рæзтыл, афтæ æндæр къабæзты дæр. Рæвдуæндæттæм рад аиуварс кæныны тыххæй амайынц ног рæвдауæндон 230 бынатæн. Арæзтадмæ йæ цæст дары республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Кусгæ рæвдауæндæтты та саразынц уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. Зæгъæм, Беслæны 2-аг рæвдауæндоны самадтой уæлæмхасæн бæстыхай. Ныр 20 бынаты фылдæр фæцис. Национ проект «Демография»-йы фæлгæты ацы горæты 2 азы размæ самадтой рæвдауæндон 130 бынатæн. Тагъд рæстæг дзы йæ фарсмæ сараздзысты 550 бынатæн нырыккон скъола. Ацы мæй та амад фесты, спортæй архайæн кæм ис, ахæм чысыл стадион. Беслæны æнтыстджынæй архайынц фæсивæдон политикæйыл дæр. Сæ минæвæрттæй иу у Бæрæзгаты Заринæ. Бацархайдта форумтæ «Машук» æмæ «Дигория»-йы. Йæ проекттæ банымадтой хуыздæртыл. Бæрæзгаты Зæринæ - проект «машук» æмæ «дигория»-йы уæлахиздзау: «Грант «Ир-медиа» æххæст кæндзæн Рахизфарсы районы. Проектмæ гæсгæ медиа бархионтæн сараздзыстæм штаб. Æвдисдзыстæм бархионты куыст куыд ахсджиаг у, уый. Форум «Дигория»-йы равдыстон проект "Националон-культурон медиа курс «Алния-Хоум». Уымæ гæсгæ нæ республикæйы цы, алы нациты фæсивæд ис, уыдон хъуамæ æрбангом уой. Ютуб каналы сараздзыстæм сæрмагонд канал. Исдзыстæм рухстауæн видеоæрмæджытæ». Нырыккон инфраструктурæйыл архайын, хъæрзхъæд ахуырад исын, спортимæ æмхиц уæвын æмæ архайын культурæйы къабазы. Ахæм пълæнттæ ис Рахизфарсы районы рæзты пъланты. Сæ сæххæст кæнынмæ та ис куыд тыхтæ, афтæ æмбæлгæ уавæртæ, зæгъы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан. Пелиты Сабинæ, Бититы Давид, Ахæм Хабæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рахизфарсы районы кусынц национ проекттæ сæххæст кæныныл
Категория:
Новости и СМИ