Константин Хабенскийы фонды специалисттæ æркастысты онкологон низæй рынчын сывæллæттæм
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Константин Хабенскийы фонды хъæппæрисæй семинар. Абон уыд йæ дыккаг бон. Фонды специалисттæм æххуысмæ æрбацыдысты æмæ æвзæрстой, сæры магъзы онкологон низ цы сывæллæттæм ис, уыдоны клиникон уавæр. Нейроонкологийы эксперттæ бæстон равзæрстой, сывæллæтты низимæ баст цы цаутæ вæййы, уыдон. Медиктæ æмæ студенттæн уыцы ахуырты уыд лæвар бацархайыны бар. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ онкологон низæй рынчын сывæллæтты хыгъды ис 160 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv