Хуссар Ирыстоны коронавирусæй ног рынчынтæ нæй
Хуссар Ирыстоны та коронавирусæй ног рынчынтæ нæй. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны сæйраг санитарон дохтыры хæдивæг Гаглойты Аннæ. Низ ма `руадзыны тыххæй Хуссар Иры хицауад аразы сæрмагонд мадзæлттæ. Афтæмæй фæстаг суткæмæ Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтæ нал рабæрæг кодтой. Карантины хыгъды ныртæккæ сты 188-æй. Æдæппæттæй Хуссар Ирыстоны коронавирусæй фæрынчын 89 адæймаджы. Фæстаг хатт COVID-рынчынты рабæрæг кодтой 16-æм июлы. Улæфæн бонты цы 80 тесты райстой, уыдонæй иуы дæр коронавирусы фæд не ссардтой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны коронавирусæй ног рынчынтæ нæй
Категория:
Новости и СМИ