Цæгат Ирыстоны цæрджытæй газ хæдзæрттæм лæвар бауадзынæн курдиæттæ балæвæртой 60 адæймаджы
Газ хæдзæрттæм лæвар бауадзыны тыххæй курдиæттæ Цæгат Ирыстоны балæвæрæтой 60 адæймаджы. Уый тыххæй радзырдта «Газпром межрегионгаз Владикавказ»-ы генералон директор Кодзаты Алан республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ фембæлды рæстæг. Ныхас цыд, хъæуты газы хæтæлтæм 'ввахс цы хæдзæрттæ ис, уыдонæй сæ зæххы хæйтты онг лæвар хæтæлтæ бахæццæ кæныныл. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ кусы курдиæттæ кæм исынц, ахæм дыууæ мобилон пункты. Сты цæхæрадæтты æмхæларад «Хурзæрин»-ы æмæ Мæцутæйы. Бынæтты специалисттæ дзуæппытæ дæттынц цæрджыты фæрстытæн. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй нæ республикæ газæй æххæстгонд у 97% бæрц. Уый у бæстæйы æппæтæй бæрзонддæр бæрæггæнæн. Хъуыдаггыл архайын хъæуы дарддæр дæр, загъта республикæйы разамонæг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, лæвар газ зæххы хайы онг бауадзыны закъон сфидар кодтой Паддзахадон думæйы сæрды райдиан. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv