Дзæуджыхъæуы сæйраг библиотекæйы ацыд Хозиты Барисы юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Ирон æвзаг - йæ кувæндон, йæ цард. Дзæуджыхъæуы сæйраг библиотекæйы уыд, ахуыргонд, публицист, фыссæг, аивад æмæ литературæ иртасæг, газет "Рæстдзинады сæйраг редактор Хозиты Барисы юбилейон изæр. Архайдтой дзы Фысджыты цæдисы уæнгтæ, Иры Стыр ныхасы минæвæрттæ, чиныгкæсджытæ æмæ йæ хорз хæлæрттæ. Мадзал бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Ирон æвзаджы рæзтыл - иузæрдион, йæ ныхасы та - фарны тых. Хозиты Барис никуы бахæлæг кæны, йæ зæрдæйы арф къуымты аивдæр цы дзырдтæ ис, уыдон. Цæстуарзонæй сæ пайда кæны йæ уацты, очеркты. Дзæуджыхъæуы сæйраг библиотекæйы йæ юбилеон изæр байгом æхсызгон лæвæрттæй, кады нысæнттæй, йæ цард æмæ куыстыл афæлгæстæй. Хозиты Барисы сфæлдыстад адæмы зондахастыл куыд ахады, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Цагат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн. Ахуыргонд, публицист, фыссæг Хозиты Барис райгуырди 1956-æм азы 15-æм июны Зруггомы Хозиты хъæуы. Сфæлдыстадон курдиатæй хайджын кæй у, уый скъолайы рæстæг дæр бæрæг уыд. Йæ æнтыстдзинæдты фæндаг æнцон нæ рауад. Зонадон куыстæй уæлдай ма равзæрста сфæлдыстадон куыст дæр. Афтæмæй йæ фыссæн сисы бырынкъæй йæ зæрдæйы сусæгдзинæдтæ халын райдыдта поэтикон рæнхъыты хуызы дæр. Абон Хозийы-фыртмæ ис бирæ мыхуыргонд зонадон куыстытæ æмæ чингуытæ. Йæ уацхъуыдтæ та арæх фенæн ис наукон журналты фæрстыл. Барис, активон æхсæнадон кусæг уæвгæйæ, зæрдиагæй ауды курдиатджын фæсивæдыл. Йæ хъус дары се сфæлдыстадмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv