Горæтгæрон районы хъæууон хæдзарады кусæндæттæ æнтыстджынæй пайда кæнынц грант «Агростартап»-æй
Фермерон хæдзарæдты райрæзтæн - сæрмагонд грант. Регионалон программæ «Агростартап»-ы фæлгæты Цæгат Ирыстоны хъæууон-хæдзарады чи фæллой кæны, уыдонæн аразынц ног фадæттæ. Дæттынц сын æхца. Программæ фæзынд 2019 азы. Ныртæккæ фермертæн сæ бон у паддзахады æххуысы фæрцы хъæууон-хæдзарады къабазы кусын. Уырдæм хауынц стурвос æмæ лыстæг фосдарынады къабæзтæ, дзидзайы куыст. Уымæй уæлдай ис мыдыбындзытæ æмæ зокъоты куыст кæнæн дæр. Уæдæ ма æхца райсæн ис хæдзарон мæргътæ дарынæн дæр. Уыйадыл йæ цард хъæууон хæдзарадимæ чи сбаста, уыдонæй ныридæгæн бирæтæ слæууыдысты рæзты къахыл. Горæтгæрон районы фермерты æнтыстдзинæдты тыххæй – нæ дарддæры æрмæг. Хъæууон хæдзарады къабазы кусыны фæнд чи скæны, уый йæ зоны, бирæ фæрæзтæ æмæ тыхтæ дзы кæй хъæуы æрвылбон, уый. Хъуылымбегты Амиран йæ фырт Георгиимæ фосы куыст кæнынц ныр 10 азæй фылдæр. Райдыдтой стуртæ дарынæй, уый фæстæ фæлвæрттой дарын лыстæг фос дæр. Фæлæ фарон сфæнд кодтой сæ стурфосы нымæц фæфылдæр кæнын. Куыд радзырдтой, афтæмæй сæм фаг фæрæзтæ нæ разынд. Æххуысагур бацыдысты Горæтгæрон районы хъæууон хæдзарады управленийы хайады разамонæг Зассеты Эриславмæ. Амалхъомады центр «Мой бизнес»-ы Георгийæн баххуыс кодтой грантты программæ «Агростартап»-ы бацархайынæн проект саразынæй. Ам канд уымæй нæ фæкæсынц фермертæм. Кусынмондаг адæмæн зæрдæ `вæрынц æмбæлгæ информацийæ баххуыс кæнынæй кæддæриддæр. Сæ хæдзарады райрæзтæн Хъуылымбегтæн Хъæууон хæдзарады министрад грант радих кодта дыууæ милуан æмæ фондз сæдæ мин сомы. Уыцы фæрæзтæй самал кодтой 32 сæры сырхбыдырон мыггагæй. Фылдæр æхсыр самал кæныны гæнæнтæ та абоны бон ис Гаглойты Аланæн. Уый грант райста афæдз размæ - 2019-æм азы. Йæ дыууæ милуан æмæ фараст сæдæ мин сомæй балхæдта 26 стуры. Хъуццытыл ма иугай азтæ куы рацæуа, уæд сæ алкæцыдæр суткæмæ æхсыр дæттдзæн 25 литры. Уæдæ фермермæ цы родтæ ис, уыдон дæр уæй кæнынмæ нæ хъавы. Хъомыл сæ кæны æхсыры куыст кæнынæн. Грантисджыты хæдзарæдты райрæзтмæ районы управлени æппыныдзух йæ хъус дары. Арæх сæ бабæрæг кæнынц. Базонынц, исты æххуысцух сты æви нæ, уый. Куыд рабæрæг, афтæмæй фермертæ кусынц æнтыстджынæй. Нæ сын фаг кæнынц æрмæст хизæнуæттæ. Æдæппæтæй фарон Горæтгæрой районы 29 милуаны æмæ 800 мин сомы гранттæ райстой сæ райрæзтæн 11 хæдзарады. Иуылдæр кæнынц æнтыстджын къахдзæфтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Горæтгæрон районы хъæууон хæдзарады кусæндæттæ æнтыстджынæй пайда кæнынц грант «Агростартап»-æй
Категория:
Новости и СМИ