Сергей Меняйло æмæ Кирилл Щекутьев æрдзырдтой боксы райрæзтыл
Боксы рæзты центр æмæ боксы уæлæмхасæн залтæ, гæнæн ис, фæзындзæн Цæгат Ирыстоны. Спортивон комплексты архайыны фадат уыдзæн сывæллæттæн, ацы спорт уарзджытæн æмæ профессионалтæн. Сæрмагонд бадзырдыл кусынц физкультурæ æмæ спорты министрад, стæй боксы федераци. Дзуапдæттæг ведомствоты минæвæрттæ бадзырдыл бæстон æрдзырдтой республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ. Сæйрагдæр хæс - ацы спорты хуызы чи архайы, уыдоны нымæц хæстæгдæр цыппар азмæ дыууæ хатты фæфылдæр кæнын. Фидæны пълæнтты - байгом кæнын боксы 5 залы. Сæ иу байгом уыдзæн Беслæны. Федераци проект æмбырыд архайджыты размæ рахаста. Фæнысан ма кодтой арæзтадæн бынат дæр. Фембæлды ма æрдзырдтой ахсджиаг спортивон мадзæлттыл. Зæгъæм, ацы аз Дзæуджыхъæуы ацæудзæн боксы изæр. Архайдзысты дзы Цæгат Ирыстоны зындгонд профессионалон боксертæ. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæ цæттæ у ацы спорты хуызы райрæзты архайдмæ, цæмæй дзы фылдæр фæсивæд архайа. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сергей Меняйло æмæ Кирилл Щекутьев æрдзырдтой боксы райрæзтыл
Категория:
Новости и СМИ